Напоминание

Календарно-тематическое планирование к курсу"Абета" 1 класс


Автор: Бадриева Инга Парижовна
Должность: учитель осетинского языка и литературы
Учебное заведение: МБОУ СОШ № 46
Населённый пункт: г.Владикавказ
Наименование материала: учебная программа
Тема: Календарно-тематическое планирование к курсу"Абета" 1 класс
Раздел: начальное образование





Назад




РЦИ-А ахуырады министрад

Дзæуджыхъæуы ахуырады управлени

Муниципалон æппæтахуырадон куыстуат

ин.Дзусаты И. номыл 46-æм астæуккаг скъола

Кусæн ахуырадон программæ

Предмет (курс) «Абетæ» - йы чиныг

(ирон æвзаг æмæ литературон кæсынад)

Райдайæн иумæйаг ахуырад

Аразæг: Бадриаты И.П.

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Æмбарынгæнæн фыстæг.

Райдайæн скъола æвæры бындур сывæллæтты хъомылад æмæ ахуырадæн,сæ алывæрсыг рæзтæн.Хъуамæ

сын ратта фæлтæрддзинад æмбаргæ æмæ аив кæсынæн,æнæрæдыд æмæ раст фыссынæн,рæзын сын кæнын

сæ хъуыдыкæнынад,сæ ныхасы культурæ.

Ацы ахсджиаг хæстæ сæххæст кæнынæн егъау фæрæз у мадæлон æвзаг,уымæн уый у национ культурæйы

бындур: æргом кæны нæ адæмы миддуне,нæ фыдæлты истории,сæ царды сусæгдзинæдтæ.

Абетæ ахуыр кæныны рæстæг у ирон æвзаг æмæ ныхасы рæзтыл куыстæн бындур.Йæ сæйраг нысантæ сты:

- сывæллæтты лæмбынæг хъусын æмæ иронау раст дзурыныл ахуыр кæнын;

- кæрæдзийыл баст ныхасы хуызты руаджы сæ фæлтæрын хъусын æмæ дзурыныл,кæсын æмæ фыссыныл;

- сабиты ахуыр кæнын сæ ныхасы ирон æвзагæй пайда кæнын;

- парахат кæнын сабиты активон æмæ пассивон дзырдуат,бамбарын сын кæнын грамматикон ныхасы арæзт;

- рæзын кæнын сабитæн сæ иумæйаг арæхстдзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад чиныг æмæ текстимæ кусынæн

(сæйраг хъуыды рахицæн кæнын,æххуысгæнæн дзырдтæ ссарын,фæрстытæн дзуапп дæттын).

Абетæ ахуыр кæныны рæстæг дих кæны æртæ хайыл:

1.Бацæттæгæнæн рæстæг.

2.Дамгъæтæ ахуыр кæныны рæстæг.

3.Кæсын æмæ фыссын ахуыр кæныны рæстæг.

Ахуыргæнæн предметы иумæйаг характеристикæ.

Райдайæн скъолайы ирон æвзаг ахуыр кæнын йæ фыццаг къæпхæн сабиты лингвистикон ахуырад æмæ ны-

хасы рæзты.Ацы ран ирон æвзаг æнгом баст у æппæт ахуырадон предметтимæ,уæлдайдæр литературон кæ-

сынадмæ.Кæсын æмæ фыссын ахуыр кæныны куыст цæуы уыцы иу рæстæг.Сабитæ зонгæ кæнынц дамгъæты

хæйттæ фыссыныл,кæрæдзиуыл сæ бæттын,фæлтæрæнтæ кæнынц дамгъæты къæйттæ фыссыныл уæнгты,

дзырдты,хъуыдыйæдты.

Фыссын æмæ кæсын ахуыр кæнгæйæ скъоладзайты ныхасы зонынад дæр фæлтæры,хъæздыг кæны сæ дзыр-

дуат,хуыздæр хъусынц æмæ иртасынц мыртæ.

Предметы бынаты æрфыст ахуырадон пъланы.

Программæ арæзт у ин.Дзусаты И. номыл №46-æм астæуккаг скъолайы кусæн ахуырадон пъланмæ гæсæ,Рес-

публикон базисон пъланы бындурыл арæзт.Предметы ахуырадон къабаз – филологи.

Ирон æвзаг ахуыр кæнынæн ис дыууæ хуызы тематикон пълантæ.фыццаг у арæзт лæмæгъ къордтæн,дыккаг та

– сæйраг къордтæн.

Сæйраг къордтæн лæвæрд цæуы æдæппæтæй 102 сахаты ахуыры азмæ (къуыри 3 сахаты)

1.Бацæттæгæнæн рæстæг - 17 сахаты

2.Абетæ ахуыр кæнын - 62 сахаты

3.Кæсын - 10 сахаты

4. Фыссын - 13 сахаты

Ахуыргæнæн предметы мидис.

Ныхасы хуызтæ:

Хъусын – раст æмбарын ныхас.Тексты сæйраг мидис æмбарын,зонын йæ радзурын, раст æмбарын кæй фе-

хъуыстой, уыцы тексты мидис.

Дзургæ ныхас – дзырдæн йæ мидис æмæ формæмæ цæст дарын.Ныхасы формæтæ: уац,сидт,курдиат,фарст,

бадзырд. Ныхасы фæрæзтæ: логикон цавд,паузæ,хъæлæсы уаг,архæйдтытæ.Ныхасы этикет скъолайы,къласы,

уынджы (салам дæттын,фæндараст зæгъын,арфæ ракæнын).Сабиты æвзаг цас хъæздыгдæр уа,уыйбæрц

хуыздæр уыдзæн сæ ахуыры хъуыддаг æппæт предметтæй дæр.

Кæсын – æмбарын ахуыргæнæ текст. Æвзаргæ каст хъæугæ æрмæг ссарынæн.Ссарын хъæугæ бынат тексты.

Хуымæтæг хатдзæгтæ кæнын цы æрмæг бакастысты,уый бындурыл.Хицæн хъуыдыйæдтæ æмæ текст абарын.

Фыссын – дамгъæтæ,уæнгтæ,дзырдтæ æмæ хъуыдыйæдтæ фыссын. Раст æмæ рæсугъд фыссын.Къухфыст

кæнæ чиныгæй мыхуыргонд текст рафыссой,сæ мыртæ дамгъæтæй кæмæн нæ хицæн кæнынц,ахæм цыбыр

хъуыдыйæдтæй фыссын диктант.Ныффыссын цы бакастысты кæнæ фехъуыстой,уый.

Дамгъæтæ ахуыр кæнын,фыссын æмæ кæсын.

Фонетикæ.Ныхасы мыртæ. Æмбарын дзырдты мыртæ æмæ мидисы иудзинад.Иртасын мырты бæрц æмæ

фæткæвæрд дзырды.Æрæмных кæнын дзырдтæ сæ мыртæм гæсгæ.кæрæдзийæ иртасын хъæлæсон æмæ æм-

хъæлæсон мыртæ,цавдон æмæ æнæцавдон хъæлæсонтæ,зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ.Дзырд-

тæ уæнгтыл дих кæнын,цавдон уæнг бацамонын.

Кæсын. Ахуыр кæнын уæнггай кæсын,хъæлæсоныл æнцой кæнгæйæ.Уæнггай кастæй рахизын æнæкъуы-

лымпыйæ рахизын æнæхъæн дзырдтæм сабийы индивидуалон темпмæ гæсгæ.Дзырдты,дзырдбæстыты,хъуы-

дыйæдты æмæ цыбыр радзырдты æмбаргæ каст.Кæсын хъæлæсы уагæй æрхæцæн нысæнттæ æмæ паузæтæ

æвдисгæйæ.Цыбыр æмдзæвгæтæ æмæ текстыты æрмæгыл æнцойгæнгæ аив æмæ æмбаргæ каст кæнын.

Орфоэпикон домæнтæ æмæ æгъдæуттæй пайда кæнын (æнæхъæн дзырдтæй кæсын куы райдайой,уæд).Ор-

фографион каст сфысты рæстæг æмæ ахуыргæнæджы кастмæ гæсгæ фысгæйæ.

Дзырд æмæ хъуыдыйад. Хъуыдыйад дзырды хицæндзинæдтæ.Хъуыдыйадыл куыст:рахицæн кæнын дзырд,

Аивын дзырдты фæткæвæрд.

Ныхасы рæзт. Хибарæй кæсгæйæ кæнæ хъусгæйæ æмбарын тексты мидис.Сюжетон нывтæм гæсгæ аразын

цыбыр таурæгъон хуызы радзырдтæ.

«Абетæ»-йы чиныджы нысантæ,мидис,арæзт.

Чиныг арæзт у нырыккон ирон грамматикæйы бындурыл,мадæлон æвзагыл кæсын,фыссын ахуыр кæныны

методикæмæ гæсгæ æмæ,скъолаты куысты цы фæлтæрддзинад æрæмбырд,уый хынцгæйæ.Арæзт æрцыд æртæ

хайæ.Фыццаг хайы æрмæг цæттæ кæны скъоладзауты кæсын æмæ фыссын ахуыр кæнынмæ.Сабиты ныхасы

рæзт æмæ культурæйыл кусыны фадат дæтты ахуыргæнæгæн. Практикон æгъдауæй зонгæ кæны сабиты ныхас,

хъуыдыйад, дзырд, уæнг,цавд,хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ æмæ дамгъæтимæ.Сывæллæтты дзырдуат

кæны хъæздыгдæр,сæ зонындзинæдтæ арфдæр,логикон хъуыдыдзинад рæзы,арæзт цæуы ахуырадон – хъомыла-

дон куыст.

«Абетæ»-йы чиныджы уæлдай æргом здæхт цæуы кæрæдзиуыл баст ныхасы хуызтæм.Монологон æмæ диало-

гон ныхасыл кусгæйæ сабитæ разæнгард кæнынц аив кæсынмæ, цы кæсынц,уый æмбарынмæ, дзурын æмæ фыс-

сынмæ.

Ацы ран сабитæ зонгæ кæнынц Къостайы æмдзæвгæтимæ,ирон фысджыты уацмыстимæ æмæ ирон адæмон

сфæлдыстадимæ.

Тексты мидис анализ кæнынæн арæзт цæуынц алыхуызон фæлтæрæнтæ:

Текст баххæст кæнын чиныджы нывтæм гæсгæ кæнæ æнæ уыдонæй.

Фæрстытæн текстмæ гæсгæ дзуæппытæ раттын.

Текст хи ныхæстæй радзурын.

Æрхъуыды кæнын текстæн сæргонд.

Бакæсын текст рольтæм гæсгæ.

Цæмæй сабитæ зæрдæрайгæдæрæй кæсой,цымыдисдзинад сæм рæза,уый тыххæй чиныгмæ хаст æрцыд уæ-

лæмхасæн дидактикон æрмæг(ребустæ,грамматикон хъæзтытæ).Уымæй уæлдай алыхуызон текстытæ,уыци-

уыцитæ,æмбисæндтæ,тагъддзуринæгтæ,хъæлдзæг ныхæстæ æмæ зарджытæ.

Чиныджы æрмæг зонгæ кæны сабиты практикон æгъдауæй иуæй-иу грамматикон зонындзинæдтимæ:стыр

дамгъæ хъуыдыйады райдайæны,сæрмагонд нæмтты;стъæлф,фарсты æмæ хъæры нысантæ хъуыдыйады кæрон;

Зылангон æмæ æзылангон мыртæ;дзырд иу ранхъæй иннæмæ хæссын.

Æрмæгыл кусгæйæ ахуыр кæнынц ныхас хъуыдыйæдтыл,хъуыдыйæдтæ дзырдтыл,дзырдтæ уæнгтыл,уæнгтæ

мыртыл дих кæнын,дзырдты мидæг мырты фæтк æмæ бастдзинад æвзарын,дзырдтæн уæнгон-мырон анализ кæ-

нын.

Цæмæй сабитæ дамгъæгай ма кæсой,уый тыххæй хъуамæ бамбарой æмæ сæ зæрдыл бадарой уæнг куыд цæуы

арæзт æмæ йæ куыд кæсын хъæуы,уый.Кæсын ахуыр кæнынæн æххуысæн лæвæрд цæуынц уæнгтæ.Уыдонмæ

гæсгæ сабитæ ахуыр кæнынц уæнгтæ кæсын.Куыд зонæм,афтæмæй сын зын вæййы цалдæр æмхъæлæсоны кæм

фембæлынц,ахæм дзырдтæ кæсын.Уымæ гæсгæ сын райдайæн къæпхæны сæ артикуляцион фæлтæрддзинад рæ-

зынмæ лæвæрд уæуынц ахæм уæнгты хуызтæ.

Ахуыры азы кæронмæ саби зондзæн:

Иртасын мыртæ æмæ дамгъæтæ.

Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсонтæ кæрæдзийæ иртасын.

Дамгъæты рæнхъæвæрд,пайда дзы кæндзæн дзырдтæ раст фæткыл сæвæрынæн.

Хъæлæсы уагæй æвдисын раныхасы нысаны хицæндзинæдтæ.

Ранымайын Ирыстоны хъæутæ æмæ горæттæ.

Дзырдтæй хъуыдыйæдтæ аразын.

Иртасын текст хъуыдыйæдты æмбырдæй.

Аразын цыбыр текстытæ лæвæрд темæйыл æмæ сæ ахуыргæнæджы æххуысæй фыссын.

Раст рафыссын дзырдтæ,хъуыдыйæдтæ,текст.Хуызæгмæ гæсгæ сæ фыст бæрæг кæнын.

Аразын хуымæтæг диалогтæ.

Аразын гыццыл радзырдтæ бинонты,æмбæлтты,хи тыххæй.

Зонын дæттын фæрстытæ æмæ сын дзуапп дæттын.

Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын,æвæрын цавд.

Хъуыдыйады æмæ сæрмагонд нæмтты райдайæны фыссын стыр дамгъæ.

Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ хæссынæн дих кæнын.

Фадат ын уыдзæн базонын:

Дзырдты мырон-дамгъон æвзæрст кæнын.

Æрæмных кæнын схемæ предметы номимæ.

Ахуыргæнæг æмæ æмкъласонтимæ ныхас кæнын,сæ фæрстытæн сын дзуапп дæттын.

Раст пайда кæнын дзырдтæй тексты,хъуыдыйады.

Рахицæн кæнын хъæугæ дзырдтæ лæвæрд хъуыдыйадæй.

Бацæттæгæнæнрæстæг – 17 сахаты

Темæтæ

Ныхасы рæзтыл куыст

Сах.

Фарс

Нымæц

1

1-æм сентябрь-ног ахуыры азы,

Зонындзинæдты бæрæгбон.

Айларты И. æмдзæвгæ «Мæ чиныг»

1

2

Мæ райгуырæн бæстæ–Ирыстон

1.Чеджемты Г. зарæг «Мæ Ирыстон»

2.Чиныджы нывтимæ бакусын.

1

3-4

Скъола.Ныхас. Дзургæ æмæ фысгæ ныхас.

Хъуыдыйад.

1.Нæхи цæттæ кæнæм скъоламæ. Райсом-

скъоламæ. Нæ кълас.

2.Къостайы æмдзæвгæ «Скъолайы лæппу»

2

5-6

Хъазæнтæ. Хъуыдыйад æмæ дзырд.

1.Сабиты хъæзтытæ æмæ хъазæнтæ.

2. Æмдзæвгæ «Мæ хъазæнтæ».

2

7-8

Бинонтæ. Хъуыдыйад æмæ дзырд

1.Мæ бинонтæ.Професситæ.

2.Хæдзары æгъдау.Нæ цæлгæнæны.

3. Цæгæраты Г. æмдзæвгæ «Мæ нана».

2

9-10

Цæхæрадоны æмæ дыргъдоны.

1.Халсартæ,дыргътæ æмæ гагадыргътæ.

2.Уыци-уыцитæ.

3.Аргъау «Булкъ».

2

11-12

Дуне дзаг у алыхуызон мыртæй.

Цæрæгойтæ.Уæнг.Мыр.

1.Хæдзарон фос æмæ мæргътæ.

2. Æмбисæндтæ.

3.Уыци-уыцитæ.

2

13-14

Хъуыдыйад.Дзырд.Уæнг.

1.Хъæддаг сырдтæ æмæ цъиутæ.

2.Къостайы æмдзæвгæ «Дзывылдар».

2

15

Афæдзы афонтæ.Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон

мыртæ.

1.Зымæг,фæззæг,уалдзæг,сæрд.Мæйтæ.

2.Къуырийы бонтæ.

1

16

Дзаума.Дзырд.Уæнг.Хъæлæсон

æмæ æмхъæлæсон мыртæ.

1.Уæлæдарæс æмæ къахыдарæс.

2. Уыци-уыцитæ. Æмдзæвгæтæ.

1

17

Хи дарыны æгъдæуттæ.Рацыд æрмæг фæлхат

кæнын.

1.Уазæгуаты.Транспорты.Скъолайы.Бæрæгбоны.

2.Техты А. радзырд «Æхсарбег».

3.Хъантемыраты К.радзырд «Дыууæ саламы».

1

Абетæ ахуыр кæныны рæстæг – 62сахаты

Темæтæ

Ныхасы рæзтыл куыст

Сах.

Фарс

Нымæц

1

Хъæлæсонмыр а.

1.

Зарæг «А-ло-лай».

1

30-31

ДамгъæтæА,а.

2.

Г.Юдин «Арты равзæрд».

3.

Уыци-уыцитæ.

2

Хъæлæсон мыр у.

ДамгъæтæУ,у.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Радзырд «Уыг».

3.

Æмбисæндтæ.

1

32-33

3

Хъæлæсон мыр о.

Дамгъæтæ О,о.

1.

Æмбисонд «Домбай æмæ рувас».

2.

Зарæг «Цъæйдон».

1

34-35

4

Хъæлæсон мыр и.

Дамгъæтæ И,и.

1.

Базон – базонтæ.

2.

Гусалты З. æмдз-гæ «Фыдуаг чызг».

3.

Тагъддзуринæгтæ.

1

36

5-6

Хъæлæсон мыр æ.

Дамгъæтæ Æ,æ.

Хетæгкаты Къостайы гуыр. бонмæ. ИКТ

1.

Базон-базонтæ.

2.

Агънаты Æ. Радз.»Æрмгуырой»,

«Æртхъирæны мæй».

3.

Къостайы æмдзæвгæтæ.

2

38-39

7

Хъæлæсон мыр ы.

Дамгъæтæ ы.

1.

Радзырд «Мады чыргъæд».

2.

Тагъддзуринæгтæ.

3.

Хъазт «Сараз дзырд»

1

37

8-9

Хъæлæсонмыр э, йэ, дамгъæтæЕ,е. Хъæлæсон

мыртæ.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Тагъддзуринæгтæ.

3.

Мамиты Г. æмдз-гæ «Бечи».

2

40-41

10

Æмхъæлæсон мыр м, дамгъæтæМ,м. Музыкалон

инструментæ. Мады фарн

1.

Базон-базонтæ.

2.

Æмбисæндтæ.

3.

Фыццаг ирон муз.инструменттæ.

1

42-43

11

Æмхъæлæсон мыр н, дамгъæтæ Н,н. Æмдзæвгæ

«Мæ нана». Нæ бинонтæ.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Хозиты М. æмдз. «Цæмæн».

3.

Радзырд «Наутæ».

1

44-45

12

Æмхъæлæсон мыр р.

Дамгъæтæ Р,р. Цæрæгойтæ.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Баситы М. æмдз. «Хур æмæ лæппу»

3.

«Чи кæм цæры?»

1

46-47

13-14

Æмхъæлæсон мыр с, дамгъæтæ

С,с.Æмхъæлæсон мыртæ. Уыци-уыцитæ.

1.

Ситохаты С. Æмдзæвгæ «Уасæг»

2.

Гуыриаты Г. радзырд «Сахат»

3.

Уыци-уыцитæ.

2

48-49

15

Æмхъæлæсо нмыр х.

Дамгъæтæ Х,х.

1.

Тагъддзуринаг.

2.

Хъодзаты Æ. æмдз. «Хæлуарæг»

3.

Калоты П. радз. «Хиуа».

1

50-51

16

Æмхъæлæсон мыр т.

Дамгъæтæ Т,т.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Тагъддзуринæг.

1

52-53

3.

Радзырд «Тæрхъус».

17-18

Æнæуæнгон у. Хъæддаг сырдтæ.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

Æмбисæндтæ.

2

54-55

19

Æмхъæлæсон мыр д, дамгъæтæД,д. Æмдзæвгæ

«Мæ фыд» Сæрд. Дыргътæ

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

Цæгæраты Г. æмдз. «Мæ фыд»

4.

Радзырд «Фæдæгъд».

1

56-57

20

Æмхъæлæсон мыр л.

ДамгъæтæЛ,л.

Æрдз æмæ адæм.

1.

Тагъддзуринæг.

2.

Радзырд «Зæронд лæг æмæ бæлас»

3.

«Цæмæн хъæуынц къæдзилтæ».

1

58-59

21

Æмхъæлæсон мыр к.

Дамгъæтæ К,к.

Дуне нæ алфæмблай.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

Æмдзæвгæ.

4.

Хъазт «Куырм арс».

1

60-61

22

Æмхъæлæсон мыр к.Дамгъæтæ К,к. Дуне нæ

алфæмблай.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

Æмдзæвгæ.

4.

Хъазт «Куырм арс».

1

60-61

23-24

Æмхъæлæсон мыр й. Дамгъæтæ Й,й.

Æмдзæвгæтæ.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Астемырты И. «Уарзондохтыр».

3.

Сиукъаты Н. радз. «Мæй не ввахсдæрсыхаг».

2

62-63

25-26

Æмхъæлæсон мыр г, дамгъæтæГ,г. Ирыстоны

горæттæ. ИКТ.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

Тохты И. æмдз. «Гацыр».

2

64-65

27-28

Æмхъæлæсон мыр з,дамгъæтæ З,з. Нæртон

симды зарæг. Зарыны урочы. Ирон кафт.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

Баситы М. æмдз. «Гаги æмæ зæрватыкк».

2

66-67

29

Æмхъæлæсон мыр б.Дамгъæтæ Б,б .Нæ

бинонтæ.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

Бызыккаты З. æмдз. «Бабыз».

4.

Джимиты К. «Дыууæ бæласы».

1

68-69

30

Æмхъæлæсон мыр ф.Дамгъæтæ Ф,ф. Хæдзарон

фос.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

«Кæмæн цавæр фындз ис?»

1

70-71

31-32

Æмхъæлæсон мыр ц.

Дамгъæтæ Ц,ц.

1.

Уыци-уыцитæ.

2.

Агънаты Æ.радз.«Цæу» æмдз.«Гацыр»

2

72-73

Цæхæрадоны. Æмдзæвгæ.

3.

Ирон уæлæдарæс «Цухъхъа».

33

Æмхъæлæсон мыр в.

Дамгъæтæ В,в.

Хосгæрдæнты. Хъазæнтæ.

1.

Æмбисæндтæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

Радзырд «Рувас æмæ йæ лæппын».

1

74-77

34

Дамгъæ ъ(хъæбæры нысан). Дзырдтæй хъазт.

Гагадыргътæ.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Æмдзæвгæтæ.

1

78-79

35-36

Æмхъæлæсон мыр гъ.Дамгъæтæ

Гъ,гъ.Дамгъæтæ æмæ дзырдтæй хъазт.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Æмбисонд.

3.

Калоты П. радз.«Булæмæргъ».

2

80-81

37

Æмхъæлæсон мыр п.

Дамгъæтæ П, п.

Хъæддаг сырдтæ.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Радзырд «Пыл».

3.

Уалыты Л. æмдз.«Пыл».

1

82-83

38-39

Æмхъæлæсон мыр къ.Дамгъæтæ Къ,къ.

Дзырдтæй хъазт. Хосгæрдæджытæ.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Тагъддзуринæгтæ.

3.

Баситы М. æмдз.«Къулыбадæг».

2

84-85

40-41

Æмхъæлæсон мыр дз.Дамгъæтæ Дз, дз.

Æмдзæвгæтæ æмæ аргъæуттæ. Дзæбидыр.

Гагадыргътæ.

1.

Тагъддзуринæгтæ.

2.

Къоста «Дзывылдар».

3.

Радзырд «Дзывылдар».

2

86-87

42-43

Æмхъæлæсон мыр хъ.

Дамгъæтæ Хъ,хъ.

Хъæддаг мæргътæ. ИКТ.

4.

Тагъддзуринаг.

5.

Цæрукъаты А. æмдз. «Хъæдхой».

6.

Хъазт «Хъазтæ».

2

88-89

44

Æмхъæлæсон дамгъæ ж

Жираф.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Æмдзæвгæ «Жираф».

3.

Хъазт «Цавæр дамгъæ у цухгонд?»

1

45-46

Æмхъæлæсон мыр дж, дамгъæтæ Дж, дж.

Дзырдтæй хъазт. Ирыстоны хъæутæ.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Баситы М. æмдз. «Ма кæнут хыл»

3.

Агънаты Æ.«Джеоргуыбайы мæй».

2

47-48

Æмхъæлæсон мыр тъ.Дамгъæтæ Тъ,тъ.8-æм

мартъи – сылгоймæгты бæрæгбон.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Тагъддзуринæг.

3.

Агънаты Æ.«Тъæнджы мæй».

2

49-50

Æмхъæлæсон мырцъ,дамгъæтæ Цъ,цъ.Дзырдтæй

хъазт. Хæдзарон мæргътæ.

1.

Базон-базонтæ.Тагъддзуринæг.

2.

Агънаты Æ.«Цъиу».

3.

ЦæгæратыГ.æмдз. «Цъиу-цъиу-цъиу»

2

51

Æмхъæлæсон мыр ч. Дамгъæтæ Ч,ч.

Професситæ. Гагадыргътæ.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Уалыты Л. æмдз. «Бечи»

3.

Л.Н.Толстой радз. «Чылауийы апп»

4.

АйлартыЧ. æмдз.«Дохтыр».

1

52-53

Æмхъæлæсон мыр чъ.

Дамгъæтæ Чъ,чъ.

Хъæддаг сырдтæ.

1.

Тагъддзуринæг.

2.

Радзырд «Сычъи»

3.

Уалынты Л. æмдзæвгæ

2

54-55

Æмхъæлæсон мыр пъ.

Дамгъæтæ Пъ,пъ.

Зайæгойтæ.

1.

Тагъддзуринæг.

2.

Уырымты П. æмдз. «Пъырыпъыф»

3.

Радзырдтæ.

2

56

Дамгъæ ь (фæлмæнынысан).

1.

Базон-базонтæ.

2.

Тагъддзуринæгтæ.

3.

Радз. «Куыд фæзынд дзул не стъолыл

1

57

Хъæлæсон дамгъæ э. Нæ дидинджытæ.

ИКТ.

1.

Хъазт «Базон дзырд»

2.

Тагъддзуринаг.

3.

Базон-базонтæ.

4.

Радзырд.

1

58

Хъæлæсон дамгъæ ю. Тюлень.

1.

Тагъддзуринæг.

2.

Радзырд.

1

59-60

Хъæлæсон дамгъæя,ё. Дзырдтæй хъазт.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Тагъддзуринаг.

3.

Уалыты Л. «Ёлкæ»

2

61

Æмхъæлæсон дамгъæ ш.

1.

Тагъддзуринæг.

2.

Радзырд.

1

62

Æмхъæлæсон дамгъæ щ. Рацыд æрмæг фæлхат

кæнын.

1.

Базон-базонтæ.

2.

Хъодзаты Æ.радз. «Абеты куывд».

1

КÆСЫН ÆМÆ ФЫССЫН – 23 САХАТ

ы

4

б

в

г

д

5

6

7

8

9

10

11

12

13

14

15

16

17

18

19

20

21

22

24

25

26

Кæсыны темæ

Сæйраг хæстæ

Са

х.

Фарс

Нымæц

1

Чеджемты Г. «Къоста»

Зонгæ кæнын скъоладзауты

ирон литературæйы

бындырæвæрæгимæ.

Аив дзурын ахуыр кæнын.

1

114

2

Дзырд. Хъуыдыйад. Текст.

Бамбарын сын кæнын сæ

хицæндзинæдтæ.

Хъуыдыйады хуызтæ.

1

2

3

Хетæгкаты Къ. «Цъиу æмæ

сывæллæттæ»

Ахуыр кæнын Къостайы

æмдзæвгæ.

Аив дзурыныл архайын.

Нывимæ бакусын.

1

115

4

Мыртæ æмæ дамгъæтæ.

Бамбарын хицæндзинад.

1

3-4

5-6

Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон

мыртæ æмæ дамгъæтæ.

Бафидар кæнын хъæлæсон æмæ

æмхъæлæсон мыртæ.

2

5-7

7

Кочысаты М. «Уалдзæг»

Зонгæ кæнын сабиты нæ

зынгхуыст поэттимæ.

Афæдзы афонтæ сфæлхат

кæнын.

1

117

8

«Мæлдзыг æмæ бæлон» аргъау.

Цæрæгойтæм уарзондзинады

æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын.

1

118

9-

10

Уæнг. Дзырдтæ иу рæнхъæй

иннæмæ хæссын.

Бацамонын дзырдтæ иу

рæнхъæй иннæмæ хæссыны

æгъдæуттæ.

2

7-8

11

Цæгæраты Г. «Ичъи»

Ахуыр кæнын аив кæсын æмæ

дзурын æмдзæвгæ.

Нывимæ бакусын.

1

119

12

Уæнг. Дзырдтæ иу рæнхъæй

иннæмæ хæссын.

Бацамонын дзырдтæ иу

рæнхъæй иннæмæ хæссыны

æгъдæуттæ.

1

9

13

«Арс, рувас æмæ бирæгъ»

аргъау

Аив дзурын ахуыр кæнын

Нывимæ бакусын.

1

14-

15

Дамгъæтæ дз, дж, гъ, къ, цъ,

тъ, пъ,чъ, хъ дзырдты мидæг.

Раст фыссын зонын кавказаг

дамгъæтæ.

2

18

Цæрукъаты Т. «Рæхимæт»

Аив дзурын ахуыр кæнын.

1

19

К.Ушинский «Алчи йæ куысты

уæлхъус».

Æнæ куыстæй цардн æй.

Аив дзурын ахуыр кæнын.

1

20

Чеджеты Г. «Къæбыла».

Нывимæ бакусын.

Рольтæм гæсгæ кæсын ахуыр

кæнын.

1

21

Алфавит кæнæ абетæ.

Зæрдыл æрлæууын кæнын

1



В раздел образования