Автор: Туриева Белла Славовна
Должность: учитель осетинского языка и литературы
Учебное заведение: МКОУ СОШ№1
Населённый пункт: г.Дигора РСО–Алания
Наименование материала: конспект урока
Тема: "Ным
Раздел: полное образование
Ирон æвзаджы урок 7-æм къласы
Амонæг: ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тъуриты Бэлæ.
Урочы темæ: «Нымæцонтæй арæзт фæрсдзырдтæ».
Урочы нысантæ:
1. Сфæлхат кæнын нымæцон.
2. Ног æрмæг бацамонын.
3. Цæгат Кавказыл æрдзурын.
4. Гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ.
Урочы æрмæг: Компьютер, тестытæ, музыкæ.
Урочы эпиграф: «Кæсынц мæм ирдæй ме
'
нусон къæдзæхтæ,
Æмæ куыннæ кæнон, уæвгæйæ, дис,
Куы скæсы хур, уæд бахудынц йæ рæгътæ-
Рæсугъддæр къуым нæ сау зæххыл кæм ис!
Урочы цыд.
I.
Мотивацион уавæр.
1.
Фæйнæгыл презентации нымæцоныл.
- Нымæцонты хуызтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.
- Чи кæцы нымæцон уарзы? Цæмæн?
2.
Диктант нымæцонтæй.
3.
Архайды миниуджытæ чи хъуыды кæны?
- Цы хуйны уыцы ныхасы хай? (тагъд, рæсугъд, бæрзонд)
Æвзаджы куыд арæзт цæуынц?
- Цавæр ныхасы хæйттæй? (номдартæй, номивджытæй, миногонтæй)
Сывæллæттæ. нымæцоны кой дзæгъæлы не скодтам. Цымæ цæиæн?
(Сывæллæттæ сæхæдæг хъуамæ зæгъой урочы темæ).
1
II.Ног æрмæгыл куыст.
1.
Байхъусут текстмæ.
«Хъæд фыццагау уыдис сабыр.
Æрмæст комы фаллаг фарс тæрс къохæй хъуыстис фæрæты къупп
– къупп. Уæдмæ бон дзæбæх æрбарухс. Уыцы райсомæй рæсугъддæр
мæм никуыма фæкаст хъæд. Хуры фыццаг тынтæ митæмбæрзт бæлæсты
къалиутыл ссыгътой мингай цырæгътæ.
Фæлæ æвиппайды æрдзы æгуыппæгдзинад фехæлд. Ком
ныййазæлыд топы гæрæхтæй. Мæ бынты, донвæды былтыл
æрбацæйлыгъдысты сæгуыт æмæ йæ лæппын…
Сæ сæртæ хæрдмæ систой, æмæ сæ хъоппæг цæстытæй фæйнæрдæм
тарст дзагъултæ кодтой. Фехсин сæ, æмæ сын куыд аскъуынон ацы
рæсугъд райсом сæ цард. Ма сæ фехсон æмæ цы цæсгом равдисдзынæн
ме 'мбæлттæм? Цы мæ рахондзысты?
Мæхи мын куы марой, уæддæр сæ нæ фехсдзынæн, скарстон
мæхимидæг.»
2.
Дзырдуатон куыст:
тæрс къох, æгуыппæг дзинад, ныййазæлыд, тарст дзæгъултæ.
3.
– Цæуыл нæ ахуыр кæны текст?
- Сымах та куыд бакодтаиккат цуаноны бынаты?
4. Ссарын тексты фæрсдзырдтæ?
Бацамонын сын сæ хуыз.
(фæйнæгмæ цæуынц иугай скъоладзаутæ æмæ агурынц фæрсдзырдтæ)
- Тæккæ фыццаг хъуыдыйадмæ æркæсут.
Фыццагау цавæр фæрсдзырд у?
Рафыссын фæрсдзырдтæ тетрæдты.
5.Аулæфт.
Къорды куыст. Карточкæтыл хæслæвæрдтæ.
Чи тагъддæр фæуыдзæн?
I къорд
II къорд
III къорд
З æви С?
Райгуырæн бæ…
тæ.
Пакъуы бæ…тæ.
Авдæнæ уо…уй.
Уасæнгæ уа…уй.
С æви Ц?
…ор зæнхæ.
Мæ …ори бадæ.
З æви Ц?
…удæ берæгъ.
…удæй сабургай.
Дз æви Ц?
…урд загътай-исæнхæст æй кæнæ.
…урд косун уарзун æз.
Гъ æви Х?
Цæ…гунн дон.
Къирæй цæ…дун.
2
III.Ныр та раздахæм нæхи урочы эпигрæфмæ.
(хъуысы зарæг «Мæ Дигорæ», Габеты Сергейы хъæлæс).
- Цавæр æнкъарæнтæ уæм гуырын кæны зарæг?
(сæрыстырдзинад, уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ).
- Ранымайут-ма нæ зындгонд æмзæххонты нæмттæ.
- Кæмæй стæм сæрыстыр?
Бавдисын презентации нæ горæты тыххæй.
IV.Фæрсдзырдыл синквейн.
1-æм рæнхъ – архайды æууæл.
2-æм рæнхъ - цæмæй конд вæййы уыцы дыууæ ныхасы хайы.
3 -æм рæнхъ - æртæ нымæцоны.
4 -æм рæнхъ - ныхас цæуыл цæуы, уыцы предметы тыххæй иу
хъыдыйад.
Рефлекси.
- Абон урочы базыдтон …
- Мæ зæрдæмæ фæцыдысты ахæм куысты хуызтæ…
- Урочы мæм сæвзæрд ахæм хъуыды …
V. Хæдзармæ куыст.
Ныффыссын нывæцæн нымæцонтæй арæзт фæрсдзырдтимæ
Темæ: «Райгуырæн хъæу».
Сæвæрын æрхæцæн нысæнттæ.
Бузныг уе 'ппæтæн дæр.
3