Напоминание

Нæ фыдбылызты фыддæр Коцойты Арсены радзырд «Афтæ дæр вæййы» - мæ гæсгæ.


Автор: Туаева Фатима Владимировна
Должность: учитель осетинского языка и литературы
Учебное заведение: МБОУ СОШ №28
Населённый пункт: города Владикавказа
Наименование материала: "Методическая разработка"
Тема: Нæ фыдбылызты фыддæр Коцойты Арсены радзырд «Афтæ дæр вæййы» - мæ гæсгæ.
Раздел: полное образование





Назад




Урочы технологон картæ ирон литературæйæ 8-æм къласы ФГОСы домӕнтӕм гӕсгӕ

Нымæц: 18.01.2021 аз.

Урочы темæ:

Нæ фыдбылызты фыддæр Коцойты Арсены радзырд «Афтæ дæр вæййы» - мæ гæсгæ.

Ахуыргæнæг: Туаты Фатимæ Владимиры чызг

Урочы нысантæ:

1. Базонгæ кæнын Коцойты Арсены царды хабæрттимæ;

2. Нæ рагфыдæлты цардыуаг хуыздæр базонынмæ тырнындзинад æмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын, ахуырдзауты фæцалх

кæнын сæ хъуыдытæ аивæй æргом кæныныл, хи цæстæнгас фыдæлты царды хъæндзинæдты ныхмæ.

3. Сывæллæтты зæрдæты гуырын кæнын фæразон уæвыны, бахъуаджы рæстæг хиуыл хæцыны æнкъарæнтæ.

Техникон фæрæзтæ: ахуыргæнæн чиныг, интерактивон фæйнæг, ахуыргæнæджы презентаци, сывæллæтты проектон куыст

Педагогон фæрæзтæ: индивидуалон куыст, къордты куыст, хъазты технологи

Урочы фæлгонц: компьютер (презентацитæ), интерактивон фæйнæг, дзырдбыд, карточкæтæ, скъуыддзæгтæ кинонывтæй

«Жизнь, ставшая легендой», «Кавказская пленница».

Урочы хуыз: урок-тæрхон;

Урочы эпиграф: «Царды тыхджын тымыгъты алчи нæ фæразы. Æрмæстдæр æрдзæй фидар удыхъæд чи рахæссы,

уый дзы рацæуы уæлахизæй»

Бестауты Гиуæрги

Этапы нысан

Ахуыргæнæджы архайд

Ахуырдзауты архайд

Технологитæ

Компетенцитæ

(арæхстдзинæдтæ)

Оргмомент

Скъоладзау

ты

сразæнгард

кæнын урок

райдайынм

æ

Уæ бон хорз!

Цыма цавæр бон схониккат сымах «ХОРЗ» ?

Сывæлæттæ дæттынц

кæрæдзийæн салам. Сæхи

урочы райдианмæ бацæттæ

кæнынц. Дзурынц сæ

хъуыдытæ.

Проблемон уавæр

саразын

Коммуникативон:

ныхасмæ

хъусын, æмбарын

æй Цæттæдзинад

ахуырадмæ,

урочы кусынмæ

Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг

кæнын

Мотивацио

н уавæр

сæвзæрын

кæнын

урочы темæ

сбæрæг

Сывæллæттæ, знон мæм мæ зонгæ ватсаппы æрбарвыста

диссаджы ныв текстимæ. Чи зоны мæм æй уый ахудынæн

æрбарвыста, фæлæ йыл æз тынг ныхъхъуыды кодтон.

Ахуырг.–Фæнды уæ йæ бакæсын? (О).

Æрбакæсут-ма фæйнæгмæ æмæ бакæсæм текст (скъоладзау

кæсы).

(Ирæды тыххæй)

Проблемон уавæр

саразын

Коммуникативон:

ныхасмæ хъусын,

æмбарын æй; хи

хъуыдытæ æргом

кæнын ныхасы

нысан æмæ

кæнынæн

1-аг слайд.

Ахуырг.–Цæуыл цæуы ныхас тексты?

(зыд, кæрæф,

хиуарзон)

уавæрмæ

гæсгæ.Регулятивон

:

Цавæр уæм фæкаст æртæ чызджы фыд?

Цæй ныхмæ у карикатурæ?

- Цымæ йæ автор чи у, куыд уæм кæсы?

- Уæдæ цæуыл дзурдзыстæм абон нæ урочы?

(Ирæды)

(Нæ зындгонд фыссæг

Коцойты Арсен, кæцы

фыста ирон адæмы

царды, цыдæриддæр

хъæндзинæдтæ уыд,

уыдоны ныхмæ)

хи архæйдтыты

фæтк хибарæй

сбæлвырд кæнын;

хъæугæ

информаци

ссарын æмæ

рахицæн кæнын.

Базонæн: Цæттæ

кæнын

ахуырдзауты

ныхасы

архайынмæ,

ныхас кæнын,

хатдзæгтæ кæнын

зонын

(Ирæды тыххæй)

Урочы

нысан æмæ

хæстæ

сбæрæг

кæнын,

кæцытыл

дзуапп

лæвæрд

æрцæудзæн

урочы

дæргъы

Дзырдуат

он куыст.

Раст, абон нæ урочы ныхас цæудзæн фыдæлтæй баззайгæ æъдау

– ирæдыл Коцойты Арсены радзырд «Афтæ дæр вæййы»-йы. Нæ

урочы эпиграфæн дæр райстам Бестауты Гиуæргийы ныхæстæ:

«Царды тыхджын тымыгъты алчи нæ фæразы. Æрмæстдæр

æрдзæй фидар удыхъæд чи рахæссы, уый дзы рацæуы

уæлахизæй». Ацы ныхæстыл ма дарддæр нæ урочы дзурдзыстæм,

фæлæ уал ныр та цыбыртæй æрлæууын кæнæм нæ зæрдыл цы

зонæм Коцойты Арсены тыххæй (ирон зындгонд фысджыты

хъуыдытæ: Тыбылты А., Дзугаты Г., Джыккайты Ш.). Арсены

царды хабæртты тыххæй нын æрдзурдзæн скъоладзау йæхи конд

презентацийы.

Фæстаг слайд карикатура «лæг даргъ боцъоимæ» бакæсын.

Ахуырг.– Цы уыд æгъдаумæ гæсгæ ирæд? (калым)

-Мæнæ куыд иртасы Абайты Васо «ирæд»-ы нысаниуæг.

(Фæйнæгыл)

2-Слайд. Скъоладзау: Как определяет В.И.Абаев слово

«ирæд» - древнеиранского происхождения. Ирæд

существовал у осетин ещё с глубокой древности. Выдача

девушки замуж без выкупа считалась позором. Обычай

платить ирæд принимал иногда небывалые размеры. Разные

сословия платили по-разному, по принципу: чем богаче, тем

больше выкуп.

Проблемон

ситуации Критикон

хъуыдыкæнынад

Хъазты

технологи.

Хи хъуыды

дзурыны хъомад.

Иумæйаг куысты

архайыны хъомад.

Коммуникативон

арæхстдзинад.

- Бакæсæм ма фæйнæгмæ киноныв «Жизнь, ставшая легендой»-

йæ скуыддзагмæ. Цæй тыххæй дзырд цæуы кинонывы? (Ирæды

тыххæй)

Ахуырг.– Исчи уæ кастис ацы кинонывмæ?

Скъоладзау: Ацы кинонывмæ æз кæддæр кастæн, мæ зæрдыл ма

Киноныв

лæууы йæ сæйраг архайджытæ суанг Америкæмæ куыд

афтыдысты,

«Жизнь,

сæ иу – Хаджи Аляскæйы фесæфтис.

ставшая

Ахуырг.–Раст, мæ къона, цæмæй хохаг лæппу бинонты хъуыддаг

легендой»-

йæ

бакодтаид, уый тыххæй хъуамæ хидвæллойæ куыстаид.

скуыддзаг

Афтыдысты-иу ирæд бакусыны фæдыл суанг фæсарæнтæм –

Америкæмæ, Канадæмæ, Австралимæ æмæ а.д. Бирæтæ-иу нал

сæмбæлдысты сæ фыды уæзæгыл.

Ахуырг.– Зæгъут ма , сывæллææ, чи хæцы радзырд «Афтæ дæр

вæййы»-йы уыцы ирæды æгъдауыл? (Уыцы æгъдауыл фидар хæцы

радзырды сæйраг архайæг Хосдзау).

Ахуырг.– Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл радзырды сæйраг

архайджыты.

Къордты куыст: Фæрстытæм раст дзуапп дæтгæйæ баххæст

кæнын

дзырдбыд «Чи тагъддæр?».

Къордгай куыст

2

.

3.

5.

1.

6.

4.

1) Радзырд «Афтæ дæр вæййы»-йы автор.

2) Авторы фæсномыг.

3) Радзырды йæ цоты ’руаджы чи схъæздыг ис, уыцы архайæг.

4) Цыппæрæм чызджы ном.

5) Сугараты … Дзахойы чызджы ракуырдта.

6) Лæппуйæн … бафидын йæ бон куы нæ уа, уæд хъуамæ йæхицæн æнцад бада!

3-Слайд.

4-Слайд.

1.Радзырд «Афтæ дæр вæййы»-йы автор. (Арсен)

2.

Авторы псевдоним (Хабос)

3.

Радзырды йæ цоты ’руаджы чи схъæздыг ис, уыцы архайæг.

(Хосдзау)

4.

Цыппæрæм чызджы ном. (Дзерассæ)

5.

Сугараты … Дзахойы чызджы ракуырдта. (Саугуди)

6.

Лæппуйæн … бафидын йæ бон куы нæ уа, уæд хъуамæ йæхицæн

æнцад бада! (Ирæд)

(Къордтæ бæрæг кæнынц кæрæдзи куыстытæ).

Ахуырг.–Тынг хорз бакуыстат, бæрæг у,хæдзары зæрдиагæй кæй

бацархайдтат, уый.Уæ цæрæнбон бирæ!

Ахуырг.- Уæдæ абон мах нæурочы тæрхон кæндзыстæм ирæд

æмæ йæ фарсхæцджытæн

1. - Радзырды уыдонмæ чи хауы? (Хосдзау)

2. - Цæмæй аххосджын кæнæм Хосдзауы? (Аххосджын æй

кæнæм Саугудийы мæлæты)

3. - Куыд схъæздыг ис Хосдзау? ( Ирæды ’руаджы. Ссарæм

æмæ бакæсæм уыцы бынат чиныджы)

4. – Куыд хъуыды кæны Хосдзау ирæды тыххæй? (Лæппуйæн

ирæд бафидын йæ бон куы нæ уа, уæд хъуамæ йæхицæн æнцад

бада!)

5.-

Йæ

чызджы

амонд

æй

тынг

æндавы?

Хосдзауы

йæ

чызджы амонд не ’ндавы, уый фидар лæууы йæ ныхасыл:

«Гъе, лæппу, хынджылæг ма кæн! Чызг дæ кæд хъæуы, уæд

дзырд цас

уыдыстæм, уый æххæстæй бафид! Уымæй уæлдай мæнæн

демæ дзуринаг ницы ис!»

6. -Ам дæр æй кæм аххосджын кæнæм?

7.– Сывæллæттæ, Хосдзау æфхæрд баййæфта? (О. ссарæм

уыцы бынат ф. 331, «Ныххоста Хосдзау тымбылкъухæй йæ

сæр»…)

8.-Коцойты Арсены карикатурæйы, урочы райдианы кæй

федтам, уыцы зæронд лæг уæм кæй хуызæн фæкаст? (Хосдзауы)

Ахуырг.–-Чи ма тæрхон кæны Хосдзауæн радзырды

архайджытæй?

Скъоладзау: - Саугуди (æвдисæм дзырдбыды) («Хуыцау ма

ныббарæд мæ кайыс Хосдзауæн, уый тыххæй фæцахуыр дæн

давыныл!»)

Ахуырг.- Саугуди тынг тох кæны ирæды ныхмæ æмæ йын кæд

тæрхон кæны, уæд афтæ æнцонтæй цæмæн сразы ис йæ

бафидыныл? Скъоладзауты дзуæппытæ:

Скъоладзау:- Æнцонæй сразы ис ирæд бафидыныл, йæ цæст дæр

нæ фæныкъуылдта, уымæн æмæ уарзта Дзерассæйы.

Скъоладзау:- Куры Хосдзауæй ирæд фæкъаддæр кæныныл.

Ахуырг. Куыд зæгъы? (Ссарæм уыцы бынат. «Мæ хорз хæстæг

Хосдзау, ахицæн кæндзынæн мины æрдæг. Уымæй фылдæр мæ

ма бахъыгдар!»)

- Чызджы скъæфыныл не сразы ис. Цæуылнæ?

- ф. 328. Скъæфгæ?!

эпиграф

Миниуджы

тæ

интерактив

он

фæйнæгыл:

- Нæ, Саугуди йæ усаджы скъæфгæ нæ акæндзæн!.. Нæ,

нæ… Цъаммартыл йæхи нæ банымайдзæн.

Ахуырг.- Ууыл не сразы ис, фæлæ цы ми бакодта, ирæд

бафидынæн цавæр мадзал ссардта.

Скъоладзау: Равзæрста давыны фæндаг.

Ахуырг. – Цæмæн? (Цæмæй йæ ирæд бафида æмæ ма

Хосдзауæй йæ маст райса).

- Куыд хъуыды кодта? (ссарут уыцы бынат

тексты.«Бафиддзынæн ирæд, æрхæсдзынæн Дзерассæйы æмæ

мæхицæн æнцад цæрдзынæн!»)

-Афтæ уæвæн ис? (Нæй, уымæн æмæ адæймаг цæуыл сахуыр уа,

уый æнцонæй нæ ферох кæндзæн).

Ахуырг.- Хосдзау у аххосджын?

Скъоладзау: - У, фæлæ йæхæдæг дæр аххосджын у, давын

ирæдæй фервæзыны хос нæу.

Ахуырг.–Раст, сывæллæттæ, Коцойты Арсен нæ æркæсын кодта

ацы проблемæмæ – фыд æгъдаумæ. Уæдæ та раздæхæм нæ урочы

эпиграфмæ Бестауты Гиуæргийы ныхæстæм: «Царды тыхджын

тымыгъты алчи нæ фæразы.Æрмæстдæр æрдзæй фидар удыхъæд

чи рахæссы, уый дзы рацæуы уæлахизæй».

Ахуыргæнæг: Куыд æмбарут ацы ныхæстæ?

- Ахæм разынд Саугуди?

кусаг, ныфсджын, хъаруджын, сæрæн, зондджын, мæгуыр,

фæразон

- Саугуди.

Мæнгард, зыд, кæрæф, хиуарзон – Хосдзау

Ахуыргæнæг: Хорз бакуыстат, уæ цæрæнбон бирæ! Адæймаджы

хуыздæр миниуджытæй хайджын ут!

7-слайд)

Къордты куыст

Критикон

Зындгонд адæймæгты хъуыдытæ райхалын Саугуди

дæнцæгæн. (Фæйнæгыл)

1 – аг къорд: «Адæймаг нæ фæзоны, сомбон æм цы

фенхъæлмæ кæсы, уый. Тæссаг хъуыддаджы тæнзæрдæ

адæймæгтæ фæтагъд кæнынц. Æппæт дæр аразын хъæуы зонд

æмæ арæхстæй». (Биазырты Димитр)

2 – аг къорд: «Царды мæсыг амад у æгъдау, уаг æмæ æфсармы

хъуыдыкæнынад

Предмет

ты хсӕн

бастдзин

ад

фидар дуртæй. Уыдонæй иу куы феуæгъд вæййы, уæд дæ

балгъитæг дæр афтæ – мæсыг ныххæррæтт ласта». (Хозиты

Макар)

Ахуырг.- Тынг хорз бакуыстат, райхæлдтат зыдгонд адæмы

ныхæсты хъуыды, арф сын бамбæрстат сæ мидис. Уырны

мæ,ахæм кæстæртæ кæмæ ис, уыдон сæ фарны мæсыг кæй

самайдзысты, уый. Ахуырг.- Сывæллæттæ, махимæ абон

ирæдæн, Хосдзауæн тæрхон кодта автор Коцойты Арсен дæр.

Цавæр тæрхон рахаста уый та?

Радзырды кæрон йæ уарзон герой Саугудийы мæлæтæй зæгъынмæ

хъавы, цæмæй лæппутæ сæ цард трагикон æгъдауæй ма фæуой,

уый тыххæй хъуыды хъæуы, ирæды ныхмæ хъæуы дзурын, цæмæй

мауал уа.

-Чи ма фыста нæ фысджытæй ирæды ныхмæ? (Гæдиаты Секъа

«Азау», Гуырджыбеты Блашка «Æдули»)

Уырыссаг фысджытæй та кæй зонут? (М.Лермонтовы уацмыс

«Герой нашего времени» уацау «Белла». Казбичы бæх

райстой Беллæйы ирæдæн).

Ахуыргæнæг:

Сывæллæттæ,

куыд

зонæм,

афтæмæй

нæм

фыдæлтæй баззадис бирæ хорз æгъдæуттæ, кæцытæй историмæ

бахаудыстæм куыд:

куырыхон, тыхджын, хиуылхæцгæ адæмæй.

Мах уыдонæй стæм сæрыстыр. Фæлæ ма нæм уыдис цы фыддæр

æгъдæуттæ дæр. Уыдонæй иу – ирæд. Ирæд кæд Ирыстоны ист

æрцыд 1879 азы, уæддæр адæмы зæрдæты уыд нырма арф æвæрд.

Адæм сусæгæй уæддæр сæ ирæды хай истой. Бынтон ивд æрцыд

Советон дуджы.

-

Зæгъут-ма, сывæлæттæ, абоны царды ма ис ирæды ратæдзæн? -

куыд уæм кæсы?

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма мын, сывæллæттæ, баххуыс кæнут,

цавæр дзуапп арвитон мæ зонгæйæн ватсаппы? Зæъут ма

мын уæ хъуыдытæ иугай хъуыдыйæдтæй, уæ хорзæхæй.

Царды мидæг цæмæй

адæймаг ма фæтаса,

уый тыххæй хъуамæ

уа фæразон,

удыхъæдæй

тыхджын.

(Нæ, нæ разынд)

Скъоладзау. -

Хъыгагæн, абон дæр

нырма ис уыцы

ратæдзæн. Хъуамæ

лæппу чызджы

бинонтæн æрбакæна

кусæрттаг

Логикон

хъуыдыкæнынады

рæзт

1.

Ирæдæн йæ кой фесæфæд.

2.

Тæрхон кæнæм ирæдæн.

3.

Сылгоймаг хъуамæ сæрибар уа.

4.

Уарзондзинады раз цæлхдуртæ æвæрд хъуамæ ма уа.

5.

Сылгоймаг уæййаг нæу.

Ахуыргæнæг:

Æнæмæнгæй

нывы

бын

бафысдзынæн

уæ хъуыдытæ. Бузныг уын уе ’ххуысæн.

(фидауæггаг), стæй ма

алыхуызон лæвæрттæ,

фæлæ уый ирæдыл

нымад нал цæуы,

адæмæн сæхи

æрхъуыды лæвæрттæ

сты.

Урочы фæстиуджытæн аргъ

скæнын

Рефлекси

Ахуырдзауты

дзургæ дзуæппытæ

-

Цы

хæссут

урокæй?

Ногæй

цы

базыдтат

урочы

?

-

Уыдонæй

мæ

царды

хъæудзæн…

Æргом кæны, цæлхдур иуварс кæнгæйæ сæм зындæр цы

фæкаст, урочы сын цымыдисагдæр цы уыд.

Цавæр куысты хуызтæ фæцыд мæ зæрдæмæ?

Цы мæм фæкаст зын?

Цавæр хъуыдытæ мæм фæзынд урочы?

Сæ куыстæн, сæ

æмбæлтты куыстæн аргъ

кæнынц, сæ размæ ног

нысантæ æвæрынц

Ахуырадон архайды

анализ. Удгоймагон

арæхстдзинæдтæ.

Коммуникативон

арæхстдзинæдтæ.

Бæрæггæнæтæ сæвæрын комментаритимæ

.

7.

Хæдзар

мæ

куыст

Ахуыргæнæг: Мæ зæрдæ уын зæгъы уæ хорз

хъуыддæгтæй

кад

æмæ

намыс

ссарын,

райгуырæн

бæстæйæн лæггад кæнын, хорз æгъдæуттæй

нæм цы ис,

уыдон æххæст кæнын.

Хæдзармæ куыст: Коцойты Арены радзырд «Цыппар

æмæ ссæдз боны» бакæсын, фæрстытæн дзуапп дæттын

зонын, æнæзонгæ дзырдтæ рафыссын

Бæрæг кæнынц къордты

куыстæн аргъ

Рефлекси

Хи

бæрнондзинад

æмбарын

иумæйаг

хъуыддаджы

Директор МБОУ СОШ № 28 Л.А Гуриева

Зам.директора по УВЧ З.Т.Бегкаева



В раздел образования